Зевс
Внешний вид
![](http://chped.net/https/upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/2/20/Zeus_Otricoli_Pio-Clementino_Inv257.jpg/220px-Zeus_Otricoli_Pio-Clementino_Inv257.jpg)
Зевс (рагон грекъ. Ζεύς) — рагон грекъаг мифологийы сæйраг хуыцау, арвы, арвнæрды æмæ арвырттывды бардуаг. Зевс у Кроносы æмæ Рейы фырт, уый тыххæй арæх йæ хуыдтой «Кронид» дæр. Йæ цæрæнуат у Олимпы хох. Зевс у алы æрдзон фазындты хицау — йæ эгидæ куы зилы, уæд къæвдатæ æмæ тымыгътæ уарынц; уый дæр æмвæндагон дымгæ æрвиты æмæ ирд бонтæ дæтты. Арæх йæ хонынц хъысмæты хицау, иннæ хатт тæ йæхадæг у Мойрæты дæлбар.
Зевсы миниуæгтæ уыдысты эгидæ, скипетр, арвырттывдтæ æмæ цæргæс.
Зевсы ус у Герæ. Сæ зæнæгтæ сты Арес, Гебæ æмæ Гефест. Уымæй уæлдæй бирæ зæнæг йæн уыди æндæр сылгоймагтæй — Аполлон, Артемидæ, Персефонæ, Гермес æмæ а.д.
Ромаг мифологийы Зевсы æмхуызон хуыцау уыди Юпитер.