Къахкъæлæтты спорт
Внешний вид
![](http://chped.net/https/upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/a/a1/Alpine_skiing_pictogram.svg/150px-Alpine_skiing_pictogram.svg.png)
Къахкъæлæтты спорт (кæнæ къахкъæлæттыл бырыны спорт) — митæмбæрзт фæхстыл дæлæмæ (уырдыгмæ) къахкъæлæттыл бырын. У канд спорты хуыз нæ, фæлæ ма дунейы æндæр æмæ æндæр рæтты цæрæг адæймæгты активон фæлладуагъды популярон хуыз. Уæлдай уарзондæр у ацы паддзахæдты уæрæх дзыллæтæн — Австри, Итали, Франц, Швейцари, Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Германы. Куыд спорты хуыз, афтæ къахкъæлæттыл бырд фæзындис Альпæты, æмæ уыйохыл бирæ æвзæгты йæ хонынц ацы хæхты рагъы номæй — англ. Alpine skiing, фр. Ski alpin, нем. Ski Alpin, исп. Esquí alpino, итал. Sci alpino æмæ а.д.