Тархъы шамхалад
Внешний вид
![](http://chped.net/https/upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/8/8d/%D0%A8%D0%B0%D0%BC%D1%85%D0%B0%D0%BB%D1%8C%D1%81%D1%82%D0%B2%D0%BE_%D0%A2%D0%B0%D1%80%D0%BA%D0%BE%D0%B2%D1%81%D0%BA%D0%BE%D0%B5.jpg/220px-%D0%A8%D0%B0%D0%BC%D1%85%D0%B0%D0%BB%D1%8C%D1%81%D1%82%D0%B2%D0%BE_%D0%A2%D0%B0%D1%80%D0%BA%D0%BE%D0%B2%D1%81%D0%BA%D0%BE%D0%B5.jpg)
Тархъы шамхалад[1] (Таркийы шамхалад) у феодалон æлдарад историон Дагъистаны цæгат-скæсæны. Йæ сæйраг сахар уыдис Тарки.
Тархъы шамхалад фæзындис XV-æм æнусы, хъуымыхъхъæгтæ кæм цардысты, уыцы ран. Уый уыди Хъазхъуымыхъхъы шамхалады дæлбар, фæлæ 1642-æм азы Хъазхъуымыхъхъæй ахицæн ис.
Тархъы шамхалад æмæ Дагъистаны æндæр территоритæ Уæрæсейы империйы скондмæ бацыдысты 1813-æм азы Гюлистаны фидыды бадзырдмæ гæсгæ. 1867-æм азы шамхалад æппæрст æрцыдис, йæ бæсты та арæзт æрцыдис Дагъистаны облæсты Темыр-Хъан-Шурайы зылд.
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Бязырты А. Нарты таурæгъты истори. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1992 — 167 ф.